Дзæуджыхъæуы аразынц фыццаг æххуысы æрвылкъуырион лæвар курсытæ
Куыд хъæуы туг бауромын? Стæй зæрдæ æмæ рæуджыты реанимаци раст куыд кæнгæ у? Æппæт ацы хъæугæ арæхстдзинæдтыл ахуыр кæнынц фыццаг æххуысы курсыты. Сты лæвар æмæ æрвылкъуырион. Ахуыртæ ахæссынц 5 боны. Дыууæ æмæ æрдæг боны архайджытæ зонгæ кæнынц теориимæ. Уый фæстæ та фæлтæрдджын инструктортимæ сæ арæхстдзинад фæлварынц сæрмагонд манекентыл. Курсытæм цæуыны фадат ис 14 азæй 35 азы онг кæуыл цæуы æмæ кæй фæнды, уыдонæн се 'ппæтæн дæр. Архайджытæ райсынц сертификатæ. Уыдон сын бар дæттынц адæмæн дæсны æххуыс кæнынæн. Проект сарæзтой президенты грантты фонды æркасты цы фæрæзтæ рамбылдтой, уыдонæй.