Дзанайты Барис фембæлд Татарстаны республикæйы делегациимæ

Дзанайты Барис фембæлд Татарстаны республикæйы делегациимæ, йæ сæргъы субъекты хицауады сæрдары хæдивæг Василь Шайхразиев, афтæмæй. Республикæйы хицауады сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ сты ахсджиаг. Фидар кæнынц хæлардзинад, культурон æмæ экономикон къабазы ахастдзинæдтæ. Цæгат Ирыстоны цæры сæдæ адæмы хаттæй фылдæр. Регионы аразынц æппæт уавæртæ дæр, цæмæй иууылдæр цæрой хæларæй. Ахæм хæс æвæры республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Тæтæйрæгтимæ нæ бæтты хъæзыг истори, культурæ, традицитæ. 30 азæй фылдæр республикæйы æхсæнадон царды зынгæ бынат ахсы тæтæйраг националон-культурон æхсæнад. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны хицауад дарддæр дæр архайдзæн культурон хæзнатæ бахъахъхъæнын æмæ парахат кæныныл. Василь Шайхразиев куыд фæнысан кодта, афтæмæй Татарстаны разамынды фæнды дыууæ республикæйы 'хсæн хæлар ахастдзинæдтæ фидар кæнын, хицауад цæттæ сты комкоммæ ныхасмæ æмæ æмгуыстадмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
20 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии