Бибылты Анатолий ныстуанимæ фæсидт адæммæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ныстуанимæ фæсидт адæммæ æмæ парламентмæ. Æрдзырдта Хицауады ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл, æмæ снысан кодта фидæны пълæнттæ дæр. Æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад, культурæ, спорт æмæ æндæр къабæзты фарстатæ. Мадзалмæ æрбацыдысты министрадты, комитетты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Цавæр хатдзæгтæ скодта Хуссар Ирыстоны президент æмæ фидæны республикæйы райрæзты тыххæй цы снысан кодта, уый нæ дарддæры æрмæджы. Президенты барамындмæ гæсгæ 2020 аз нымад æрцыд, Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыйы рдыгæй фыццаг геноцидыл сæдæ азы кæй рацыд, уый оххыл нысангонд азыл. Ирон адæмы историйы азфысты æппæт ацы цаутыл цæст ахæссгæйæ дарддæр дæр хъæуы архайын æмæ æвæрын стратегион нысæнттæ æмæ сæ æххæст кæнын, бансан кодта Паддзахад Аланийы сæргълæууæг. Хæдбар паддзахады цæргæйæ хъæуы æппæт дæр саразын дарддæры рæзтæн, уыцы фадæттæ та нын дæтты хæдбардзинады статус. Банысан кодта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайæг бæстæтимæ æмахастытæ ноджы арфдæр æмæ æмгомдæр кæй кæндзысты, Уæрæсе та кæддæриддæр кæй уыд ресубликæйы æдасдзинады гарант, алы фадыджы дæр æххуыс. Æппæт дæр арæзт цæуы, цæмæй ноджы фылдæр бæстæтæ банымайой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Йæ æрвыстæджы Бибылты фырт хъусдард аздæхта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номхыгъддæ бæстон сбæрæг кæнын æмæ сын æппæтварсон æххуыс кæнын. Æрдзырдта куыстмыздæ, пенситæ æмæ стипендитыл схæцыныл, бирæсывæллонджын бинонтæн уæлæмхас æхцайы фæрæстæй баххуыс кæнын, цалынмæ астæуккаг скъола каст фæуой, æмбæстæгты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын, зонады фадыджы грантты фæрæзтæ фæфылдæр кæнын. Лæвæрд æрцыд барамындтæ æндæр æмæ æндæр министрадтæ æмæ уагдæттæн. Республикæйы уагдæтты куыстыл дзургæйæ банысан кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты æнтыстджын куыст. Бибылты Анатолийы раныхасы фæстæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты исæн къорд бахатыд æмбæстæгтæм, цæмæй сæ хъуыдытæ загътаиккой президент цы фарстытыл дзырдта, уыдон фæдыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бибылты Анатолий ныстуанимæ фæсидт адæммæ

Категория:

Новости и СМИ