Беслæны 3 боны дæргъы цæудзæн мысæн вахтæ

1-3 сентябры Беслæны номарæн мадзæлттæ саразыныл ныхас цыд цæттæгæнæн комитеты æмбырды. Амыдта йæ Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим. 1-æм сентябры 9 сахаты æмæ 15 минутыл скъолайы кæрты азæлдзæн дзæнгæрæг. Уый фæстæ адæм хæсдзысты дидинджытæ. Фæстæдæр та номарæн аргъуыд. 13 сахатыл, традицимæ гæсгæ, арæзт æрцæудзæн теракты хъыгдардбаййафджыты пресс-конференци. Изæрæй скъолайы кæрты суддзысты мыдадзын цырæгътæ. 2-æм сентябры райсомы 9 сахатыл скъолайы кæрты аргъуаны Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи сараздзæн литургийæ. Ацы бон номарæн мадзæлттæ цæудзысты куыд скъолайы, афтæ мемориалон комплекс «Зæдты сахары» дæр. 3-æм сентябры 13 сахаты æмæ 20 минутыл уыдзæн дзуæрттимæ цыд фыццæгæм скъолайы кæртæй мемориалон комплекс «Зæдты сахары» онг. Уым метрономы зæлтæм бакæсдзысты, теракты чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ. Скъоладзаутæ та арвмæ суадздзысты уæлдæфон тымбылӕгтӕ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 497 подписчиков
12+
32 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии