Дзанайты Барис федта Дзæуджыхъæуы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады объектты цæттæдзинад зымæгмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис федта Дзæуджыхъæуы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады объектты цæттæдзинад зымæгмæ. Сæрмагондæй бабæрæг кодта Реданты донгӕрӕн æмæ куыстуат «СпецЭкоСервис». Нуазыны доны хæрзхъæддзинад хъуамæ дызæрдыггаг ма уа, фæнысан кодта Дзанайты Барис. Бакусинаг фарстатæ дæр ис. Дæргъвæтин рæстæг кæй кусынц, уымæ гæсгæ æртæ донцъирæнӕн сӕ кусæнгарзтӕ заууат уавæрмæ æрцыдысты. Хъæуы сæ баивын. Модернизацийы тыххæй объект бахастой федералон программæмæ. Премьер йæхи 'рдыгæй зæрдæ бавæрдта, лыггæнинаг фарстайыл бацархайынмæ цæттæ кæй у, уый. «СпецЭкоСервис»ы та зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ иу уысм дæр не `рлæууыдысты. Куыстуат цæуы модернизацигонд. Сног кодтой автопарк, пайда кæнынц бырон æмбырды ног технологитæй. Уый тыххæй хицауады сæрдарæн радзырдта «СпецЭкоСервис»-ы директор Козырты Рустам. Ацы зымæг сервисы кусджытæ бырынцъаджы ныхмæ пайда кæндзысты змисæй нæ, фæлæ æдас æмæ нырыккон реагентæй. Уæвгæ, сæрмагонд техникæйæ уæддæр куыстуат ӕййӕфы къуылымпыдзинӕдтӕ. Горæты сыгъдæгдзинадæн æмæ бырон ласынæн хъæуы фылдæр хæдтулгæтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv