Хуыздæрты `хсæн
Хъырымы уыд Шендерёвы номыл адæмон инструментты 5-æм æппæтадæмон конкурс. Арахайдтой дзы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы студенттæ дæр. Сæ курдиат дзы равдыстой Тедеты Азæмæт, Джиоты Анжелæ æмæ Темыраты Нинæ. Се `ппæты зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты æмæ сын саккаг кодтой конкурсы Гран-при. Ахæм ерыстæм аивæдты колледжы ахуырдзаутæ фыццаг хатт ацыдысты. Сæ цагъдæй адæмы зæрдæтæм фæндаг ссардтой. Аивадуарзджытæ сæ куырдтой, цæмæй сæм ирон фæндырдзæгъдджытæ алы аз дæр цæуой. Сæ разамонæг Абойты Хетæджы ныхæстæм гæсгæ, ахуырдзаутæ тырнынц зоннындзинæдтæм. Ахæм ерысты архайгæйæ та фæцалх вæййынц æндæр адæмыхæттыты культурæйыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хуыздæрты `хсæн
Категория:
Новости и СМИ