Хъæбатыры мысæн бон
Цæгат Ирыстоны ма абон мысынц лейтенант Джыбылаты Зауыры рухс ном. Уый йæ цард радта адæмы мæлæтæй бахъахъхъæнынæн. 6 азы рацыд, фыдгæнæг Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы `хсæн арæныл срæмыгъд куы сарæзта, ууыл. Офицер Джыбылаты Зауыр фæмард. Абон Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады инспекцийы кусджытæ, Зауыры хæлæрттæ, хиуæттæ хъæбатыры номыл иу минут æдзæмæй æрлæууыдысты, йæ цыртдзæвæныл ын дидинджытæ сæвæрдтой. Уымæй уæлдай ма дидинджытæ саив кодтой, мидхъуыддæгты оргæнты 17 царæфтыд кусæджы номыл цы монумент сарæзтой, ууыл дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæбатыры мысæн бон
Категория:
Новости и СМИ