Уæрæсейæгтæн нал ис тæссаг сырдты хæдзары дарыны бар
Уæрæсейы нал уадзынц тугдзых сырдты бинонты `хсæн дарын. Нæ бæстæйы Хицауады уынаффæйы тыххæй дзыллон информацион фæрæзтæ фехъусын кодтой абон. Амынд дзы ис, цы сырдты кой кæнынц, уыдоны номхыгъд. Зæгъæм, егъау гæдыты мыггагæй сырдтæ, кæнæ та маргхъæстæ кæлмытæ. Нал уадзынц дарын, адæмы `хсæн цæрыныл чи нæ ахуыр кæны, ахæм цæрæгойты дæр. Номхыгъды сты суанг мæргъты æмæ кæсæгты иуæй-иу хуызтæ дæр. Æрмæст ма иу фиппаинаг. Кæд цæрæгойы 2020-æм азы 1-æм январмæ балхæной, уæд цалынмæ æрдзон мæлæтæй нæ амæла, уæдмæ цæрдзæн йæ хицаумæ. Цирчытæ æмæ сырддонтæм уыцы хъоды нæ хауы. Документмæ гæсгæ, иуæй-иу хæттыты уыцы цæрæгойты дарын фæуадзынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейæгтæн нал ис тæссаг сырдты хæдзары дарыны бар
Категория:
Новости и СМИ