86-азыдзыд нæлгоймагыл куыйтæ фæхæцыдысты
Мæй размæ Камбилеевкæйы цæрæг 86-азы дзыд Боцуаты Владимирыл йæ сыхæгты куыйтæ фæхæцыдысты. Зæронд лæг уæззау хъæдгæмттæ райста. Æвæстиатæй йæ аластой рынчындонмæ. Дохтыртæ сæрæн фæллæууыдысты, æмæ зæронд лæгæн æмбæлгæ æххуыс бакодтой. Ныртæккæ Боцуаты Владимир фæхуыздæр. 24 сентябры изæр 86-азы дзыд Боцуаты Владимир никуы ферох кæндзæн. Уыцы изæр зæронд лæг йæ æнамондæн уынгмæ рацыд. Æвиппайды йыл йæ сыхæгты куыйтæ сæхи ныццавтой. Йæ риу æмæ йын йæ галиу рæуæг фæхъæнтæ кодтой. Уæдæ йæ фæрсджытæ æмæ йæ къах дæр уæззау хъыгдард баййафтой. Кæй аирвæзт, уый дæр æвæццæгæн сыхæгтæ сæрæн кæй фæлæууыдысты, уый фæрцы. Боцуаты Владимиры цардыл тох кодтой Центрон Клиникон Рынчындоны дохтыртæ. Йæ чызг Иринæ куыд зæгъы афтæмæй йæ фыд аирвæрздзæн, уый йæ уырнгæ дæр никæйы кодта. Боцуаты Иринæ: «Мæ фыды ахæм уавæры куы федтон, уæд æрмæст Хуыцаумæ куывдтон цæмæй йын бахуысс кæна. Тынг уæззау уавæры уыд. Мæн фæнды сеппæтæн дæр бузныг зæгъын тагъд æхуыссы дохтыртæн, чи сæм фæдзырдта уыдонæн дæр. Бузныг Центрон Клиникон Рынчындоны дохтыртæн дæр. Хъæцмæзты Аланæн. Йæ фæрсмæ чи æрбалæууыд. Ренимацион хайады кусджытæн – сеппæтæн дæр зæрдиаг бузныг зæгъын». Ныртæккæ Боцуаты Владимир йæхи хуыздæр æнкъары. Йæ рыстытæ дæр фæкъаддæр сты. Фæлæ уыцы изæр ныр дæр йæ цæстытыл уайы. Йæ сыхагмæ æвзæр зæрдæ нæ дары. Цæмæй йæ бафхæрой уый дæр æй нæ фæнды. Боцуаты Владимир: «Алчидæр цæрæд. Фæлæ кæд хæдзары цæрæгойтæ дарыс, уæд цæм дæ хъус дар. Уæлдайдæр та ахæм знæт æмæ стыр куыйтæм. Цыфæды ку уа, уæддæр сæ æвæгæсæй ма уадз». Дохтыр Хъæцмæзты Алан куыд зæгъы афтæмæй фыццаг хатт федта цæмæй куыйтæ афтæ тынг фæхæцой адæймагыл. Хиругтæ тынг бæстон кастысты алцæмæдæр. Уымæн æмæ рынчын ацæргæ адæймаг у, æмæ дохтырты рæдыд уæззау фæстиуджытæм расайдтаит. Дзæуджыхъæуы Центрон Клиникон рынчындоны дохтыр: «Æз рынчындоны рагæй кусын. Бирæ рынчынты федтон. Хæцæнгарзæй цæфтæ чи баййæфта ахæмты дæр. Йæ риуы гуыдыр кæмæн фехстой æмæ мæнæ ацы рынчыны куыд бахъуыгдæрдтой куыйтæ уыдон æмхуызон сты». Ацы хъуыддагмæ сæ хъус æрдардтой Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Рынчын ныр цы уавæры ис, уый слестгæнæн оргæнты кусджытæн экспертизæ саразыны фадат нæ дæтты. Фæлæ йæ куы скæной, уæд йæ хадзæгтæм гæсгæ сбæрæг кæндзысты, куыйты хицауыл уголовон хъуыддаг байгом кæной æви йæ административон хуызы бафхæрой, уый. Кæд уголовон хъуыддаг байгом кæной, уæд хъæхъхъаг куыйты хицауы азымджын кæндзысты Уæрæсейы угооловон кодексы 118 статья мæ гæсгæ – ома йæ уæззау цæфтæ æнæбары кæй фæкодта, уый фæдыл. Бирæ бæстæты ахæм куыйтæ хæдзары дарын æмæ хæцæнгарз дарын æмхуызоныл нымад у. Уæрæсейы ацы фарста нырма бæстон лыггонд нæу. Афтæмæй бирæ хатт хъæхъхъаг куыйты хæцтытæ мæлæтмæ дæр расайынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
86-азыдзыд нæлгоймагыл куыйтæ фæхæцыдысты
Категория:
Новости и СМИ