Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы вакцинаци коронавирусы ныхмæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы COVID-ы ныхмæ прививкæгæнæн кампани. Иммунитет фӕхъæддыхдæр кæнынæн цæрджытæй бирæтæ цæуынц ревакцинаци. Дзæуджыхъæуы хойраджы комбинаты бындурыл кусджытæн фæзындзæн вакцинацигæнæн уæлæмхасæн пункт. Сæрмагондæй уый тыххæй ӕрбахуыдтой 4-æм поликлиникæйы медицинон кусджыты. Инъекци скодтой 50 адæймагæй фылдæр. Æмбарынц, хи бахъахъхъæнынæн хуыздæр мадзал кæй нæй, уый. Се ппæт кусджытæ дæр æмбарынц прививкæ скæныны ахсджиагдзинад. Процедурæмæ чи æрбацыд уыдонимæ дохтыртæ аныхас кодтой. Радзырдтой сын фæстиуджыты тыххæй, кæсынц сын се нæниздзинадмæ. Алцыдæр конд цæуы пъланмæ гæсгæ. Æз кусын сывæллæттимæ. АКрхайын ууыл цæмæ нæхи дæр æмæ сабиты дæр уыцы тæссаг низæй бахизын кæнæм. Кæд дызæрдыг чи кодта, ахæмтæ дæр уыд, уæддæр нын бамабарын кодтой тæрсын кæй нæ хъæуы, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv