Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ацыдысты ирон националон хъæзтытæй ерыстæ
Дур рæстдзæвин æхст фӕкӕнын фылдæр баллтæ райсынæн æмæ хуыздæр суæвынæн. Ацы дисциплинæ у рагон ирон хъæзтыты хуызтæй иу. Фæсивæд къамисы уæнгты амынддзинæдтæм лæмбынæг хъусынц. Алкæй дæр сæ фæнды рамбулын. Æдæппæтæй та скъоладзаутæ сæ тыхтæ æвзæрстой цалдæр хуызы. Дур æппарын, ивазæнтæ, уæхскæй схойын. Ерысты ацы сывæллæттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдтой. Фæлæ националон спорты хуызтæ ам сты ногдзинад. Ныхмæлæуды фембæлдысты 13-æм скъола æмæ Алайнаг гимназы ахуырдзаутæ. Ерыстæ рæстдзинады бындурыл ахицæн кæнын. Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой къамисы уæнгтæ. Се 'хсæн фæсивæды æфсæддон патриотон хъомылады центры специалисттæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ирон националон хъæзтытæ парахат кæнын дæр уыдон райдыдтой. Дыууæ скъолайы 'хсæн ерыстæ саразыны хъæппæрис разынд Иры Стыр Ныхасы уæнгтæм. Мадзал сбастой Лæгты Дзуармæ кувæн къуыриимæ. Ахæм хъæзтытæ бæрæгбоны фæдыл арæзтой нæ рагфыдæлтæ дæр. Уæвгæ, 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ бæрæгбонмæ æрвылаз дæр сæхи бæстонæй бацæттæ кæнынц. Ныр дæр та уазджытæн равдыстой алыхуызон цымыдисаг номыртæ. Хъулæй хъазт, хосгæрдын, цыллæ хызтæ бийын. Уыимæ, бæрæгбоны куыд æмбæлы, афтæ мадзалы райдиан Иры Стыр Ныхасы сæрдары хæдивæг Туаты Руслан скуывта Хуыцаумæ. Ахæм мадзæлттæ дарддæр дæр фæнд кæнынц аразын. Сæйраг нысан у кæстæр фæлтæры ирон æгъдæуттæ æмæ культурæмæ æмхиц кæнын. Калоты Дзерассæ