Хуыцауы Дзуарæфтыд
Абон ӕппӕт чырыстон дуне бæрæг кӕны Хуыцауы Дзуарæфтыд. Ирон адæм æй хонынц Доныскъæфæнтæ. Уый кадæн Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Леонид, сыгъдæг Георгийы номыл кафедралон аргъуаны скæндзæн бæрæгбоны аргъуыд. Стæй аргъуаны цур саргъаудзысты доныл. Уый фæстæ та динылхæцджытæ сæ фæндаг акæндзысты Теркмæ, уым райдайдзæн сæйраг дзуарӕфтыд. Сыгъдӕг кӕныны мадзал ахæсдзæн изæры 6 сахатмæ. Доны былмӕ цы адӕм æрбацæудзысты, уыдонæн кусдзæн быдыры къухни. Бацымдзысты тæвд цай. Сылгоймæгты Хуыцауæвдисæн Алайнаг æмæ нæлгоймæгты моладзандоны дæр скувдзысты Дунесфæлдисæгмæ. Кадджын мадзæлттæ цæудзысты æмбисæхсæвмæ. Фехъусын ма уын кæндзыстæм, абон æмæ райсом, аргъуанмæ хæстæг уынгтыл машинæтæн цæуыны бар кæй нæ уыдзæн. Афтæ - нæлгоймæгты моладзандонмæ дæр. Шофырты æнцойдзинадæн байгом кæндзысты хæдтулгæтæн æрлæууыны бынæттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хуыцауы Дзуарæфтыд
Категория:
Новости и СМИ