Дзæуджыхъæуы зынгхуыссынгæнæн хайады блогертæ æмæ журналисттæн сарæзтой блог-тур

Фыдбылыз куы æрцæуа, уæд ирвæзынгæнæг хъуамæ сæрмагонд уæлæдарæс скæна æртын секундмӕ. Ууыл фӕцахуыр уӕвынӕн бирæ рæстæг бахъæуы. Æмæ, æцæгæй дæр æнцон хъуыддаг нæу. Æрмæст дарæс нæ, фæлæ ма зынгхуыссынгæнæг хъуамæ æххæст уа каскæ, рон æд гæрзтæ æмæ туаггуыры балонæй. Дарддæры хæслæвæрд сæххæст кæнын ахсджиаг уыд. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ ссыгъд бирæуæладзыгон бæстыхай. Ирвæзынгæнджытæ архайынц æмдыхæй. Иутæ ратыхтой зынгхуыссынгæнæн хæтæлæгтæ, иннæ тæ авæрдтой асинтæ, бæстыхаймæ бахызтысты рудзынджы уылты. Арт уайтагъд апархат. Алы секунд дæр ахсджиаг у. Æвæстиаты цауы рæстæг æдасдзинад сæйрагдæр арæзгæ у хæрзхъæд дзаумаскондæй. Сæрмагонд уæлæдарæсы уæз хæццæ кæны 30 килограммы онг. Цæмæй ахæм уæззау уавæрты сарæхсай, уый тыххæй хъæуы хорз цæттæгонд уæвын. Зынгхуыссынгæнджытæ æппынæдзух сæхиуыл кусынц. Фæлæ фыдбылызы рæстæг цы æрцæудзæн, уый бæрæг нæу. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ ахуырты æмæ æвæстиаты уавæры бахаугæйæ сæйрагдæр у адæймаджы цард бахъахъхъæнын. Дзанайты Олег Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусы 10 азæй фылдæр. Фыццаг бонæй фæстæмæ йæ куыстыл у æнувыд. Йæ фæлтæрддзинады руаджы куысты дызæрдыг ницæуыл кæны. Ирвæзынгæнджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй судзгæ бæстыхайы адæймаг куы баззайы, уæд сæхуыл нæ фæхъуыды кæнынц, æрмæст феххæст кæнынц сæ куыст. Æппæт иртæстыты фæстæ блогертæ æмæ журналисттæн сарæзтой экскурси. Равдыстой сын сæрмагонд хайады ифтонггæрзтæ. Базонгæ сæ кодтой, цы уавæрты сæ спайда кæнынц, уыимæ дæр. Гом дуæртты бон сарæзтой фыццаг хатт. Ахæм мадзæлтты руаджы базонæн ис ирвæзынгæнджыты куысты фæтк æмæ архайды тыххæй. Уыдон æрвылбон сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ бахъахъхъæнынц, фыдбылызы чи бахауы, уыцы адæмы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 468 подписчиков
12+
25 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии