Уый дын лæг!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

Театр «Амыран»-ы актер Дулаты Тугъан фæдæлдон уæвынæй аирвæзын кодта сывæллоны. Чысыл ма бахъæуа, æмæ фыдбылызы хабар æрцыдаид Майрæмадагмæ `ввахс. Адæмæн цауы тыххæй фехъусын кодта зындгонд артист Дзуццаты Сослан. Сывæллон доны бын куыд фæцис, уый æппæты фыццаг Тугъан ауыдта. Хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй цадмæ йæхи ныззылдта. Лæппуйы цур уадидæгæн баллæууыд æмæ йæ былмæ раласта. Афтæмæй сывæллон стыр бæллæхæй аирвæзт. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Дулаты Тугъан ирон аивады сценæмæ цалдæр азы размæ ракодта уæндон къахдзæф. У Гæздæнты Булаты ахуыргæнинаг, дæсны фæндырдзæгъдæг. Йæ курдиат ма ирдæй рабæрæг пародитæ кæныны дæр. Уыцы дæсныйады йæхимæ адæмы `ркæсын кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уый дын лæг!

Категория:

Новости и СМИ