Цæгат Ирыстоны райдыдтой Хуссар æфсæддон зылды ракетон дæлхайæдты ахуыртæ
Цæгат Ирыстоны райдыдтой Хуссар æфсæддон зылды ракетон дæлхайæдты ахуыртæ. Нæ республикæйы дз чи ис, уыдоны æвæстиатæй сæ къазарматæй сыстын бахъуыд. Мæнг фæдисы цыдæй ацыдысты Стъараполы краймæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ. Ахуыртæ ахæсдзысты къуырийы кæронмæ, архайгæ та дзы кæны 800 адæймаджы. Сæ хæс уыдзæн ракетæтæ фæсаууонмæ ранæй уадзыны арæхстдзинадыл бакусын. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ уыцы ракетæтæн сæ бон у 500 километры дæрддзæгмæ æхсын. Сæрмагондæй сæ спайда кæнынц чысыл мысантæ акъуырынæн, знаджы артиллерион гæрзтæ æмæ разамынды объекттæ халынæн, стæй авиацийы ныхмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны райдыдтой Хуссар æфсæддон зылды ракетон дæлхайæдты ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ