Транспорты хъалон, гæнæн ис, æмæ цæрджыты кæцыдæр хайæн фæивой
Транспорты хъалон, гæнæн ис, æмæ цæрджыты кæцыдæр хайæн фæивой. Хъæппæрисы тыххæй фехъусын кодтой Парламентæй. Ныхас цæуы, цы цæрджытæ йæм хауынц, уыцы категоритæ фæуæрæхдæр кæныныл. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады фыццаг секретары хæдивæг Едзойты Марат фæнысан кодта, закъоныпроект бахъахъхъæндзæн цæрджыты фӕндтӕ, куыд сын хуыздӕр у, уымӕ гæсгæ.