Ирыстоны æрымысыдысты Къудухты Бесичы ном
Абон Ирыстоны æрæмысыдысты зыдгонд хъæбысæйхæцæг Къудухты Бесичы рухс ном. 4 азы размæ спортсмен фæмард фæндаггон фыдбылызы. Кæд йæ цард цыбыр уыди, уæддæр ын бантысти Уæрæсейы спорты ирд фæд ныууадзын. Спортмæ фемхиц чысыл лæппуйæ. Йæхицæн нысан сæвæрдта тыхджындæр богал суæвын. Уыд æппæтуæрæсеон æмæ дунеон ерысты уæлахиздзау. Цыппар хатты та ссис дунейы уæлахиздзау. Пекины олимпиадæйы рамбылдта бронзæ майдан. 2007-æм азы архайдта Иван Ярыгины номыл ерысты æмæ дзы сси сыгъзæрин майданы хицау. Къудухты Бесик йе `нусон бынат ссардта Дзæуджыхъæуы Намысы аллеяйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирыстоны æрымысыдысты Къудухты Бесичы ном
Категория:
Новости и СМИ