Бæрæгбоны кадæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Беслæны ипподромы сарæзтой бæхтыл дугътæ. Снысан сæ кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 74-æм азы бонмæ. Хуыздæр бæхылбадæджы номыл тох кодтой 40 спортсмены Цæгат Ирыстон æмæ хæстæг республикæтæй. Кадджын мадзалы архайдтой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ. Программæмæ гæсгæ дугъы уадысты 4 хуызæй. 1200-йæ 1800 метры онг. Ерысты хорзæхы иумæйаг бæрц уыдис 250 мин сомы. Турниры алы номинациты сбæрæг кодтой хуыздæрты. Налцыккаг спортсментæ рамбылдтой зынгхуыст хæстонты номыл приз. Ислам Богатырев йе `фсургъ «Мактум Голд»-имæ кæронмæ æрбацыд фыццаг. Дыккаг дугъы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты номыл лæвар саккаг кодтой бæх «Сонька»-йæн. Йæ барæг - Бясты Марат Дигорайæ. 1800 метры дугъы та уæлахиздзау ссис Астемир Пшуков йе `фсургъ «Жемчужный блеск»-ыл бадгæйæ. Уæлахиздзау кубок райста Битарты Вячеславы къухæй. Советон Цæдисы хъæбатыр Плиты Иссæйы номыл лæвары аккаг разынд Алан Конов йе `фсургъ «Алмаз»-имæ. Ерыстæ ма сарæзтой быруты сæрты гæпп кæнынæй дæр. Архайдтой дзы республикон бæхты спортивон скъолайы спортсментæ. Кубок рамбылдта Абайты Алан. Йе `фсургъ «Алгус»-имæ асæррæтт кодтой 175 сантиметры быруйы сæрты. Уазджытæн ма сарæзтой хиирхæфсæн фæзтæ. Адæмон кæфтыты ансабль «Беслæн» æмæ бæхты театр «Нарты»-йы артисттæ адæмы зæрдæтæ барухс кодтой аив курдиатæй. Хъазахъхъæгты хор та акодта хæстон зарджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бæрæгбоны кадæн

Категория:

Новости и СМИ