Ног сæйраг редактортæ
Цæгат Ирыстоны мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты комитеты разамынд нæ республикæйы журналты кусджыты базонгæ кодта сæ ног сæйраг редактортимæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, "Ногдзау", "Мах дуг" æмæ "Дарьял"-æн ног разамонджытæ кæй ис. Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал "Мах дуджы" сæргъы слæууыди Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Мамыкъаты Хъазыбег. Раздæр куыста поэзи æмæ драматургийы хайады. Сывæллæттæн Литературон-аивадон журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор та сси журнал "Барсик"-ы бындурæвæрæг æмæ сæргълæууæг Томайты Сергей. Уымæй уæлдай-ма у историк, æхсæнадимæ бастдзинæдты специалист. Фæстаг азты разамынд лæвæрдта рауагъдад "Ника-Пресс"-æн. Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал "Дарьял" та ныртæккæ ис журналист æмæ публицист Цхуырбаты Аланы бæрны. Уый каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты хайад. 2004 азæй фæстæмæ у алыхуызон уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг дзыллон информацийы фæрæзты уацхæссæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног сæйраг редактортæ
Категория:
Новости и СМИ