Æрыдоны æртыккаг мæй кусы ног кофейня

Хæрзад æмæ зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг. Ныр æртыккаг мæй Æрыдоны кусы кофейня. Йæ хицау Бериты Алыксандр æнхъæл нæ уыд ацы къабазы хи кæй фæлвардзæн, уый. Йæ хæлæртты амынддзинадмæ гæсгæ бæстонæй иртасын райдыдта хъуыддаг, Петербургы ацыд сæрмагонд ахуыртæ, æмæ афæдзы æрдæгмæ горæты астæу байгом кодта йæхи уагдон. Проекты райрæзтыл бакуыста паддзахады æххуысæй. Курдиатимæ фæсидт социалон лæггæдты центрмæ. Сæмбырд кодта æмбæлгæ гæххæттытæ. Фæстæдæр амалхъом адæймагæн радтой 300 мин сомы. Уыцы фæрæзтæй самал кодта къофи фыцæн гарз. Кæд кофейня цыбыр рæстæг кусы, уæддæр адæмæн сси уарзон бынат.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
24 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии