Зæрдæвæрæны мæйы улæфын бонтæ
Ацы аз зæрдæвæрæны мæйы бæрæгбæтты агъоммæ улæфдзыстæм 9 боны. 1-æм майæ 5-æм маймæ. Уый фæстæ - 3 кусгæ боны. Стæй та улæфæн бонтæ ахæсдзысты 9-æм майæ 12-æм маймæ. Рæстæг пайдаимæ арвитынæн фаг у. Цæрджытæн сæ фылдæр уалдзæджы фæстаг мæйы фæлладуадзæн бонты ацæуынц æрдзы хъæбысмæ. Горæты чи баззайы, уыдон дæр сæхи фæирхæфсынц. Сæйраг паркмæ, кæнæ та Дендрариуммæ араст вæййынц. Уæдæ хæхбæстæм дæр сæ ных саразынц. Уæдæ денджызы был баулæфын кæй фæнды, ахæмтæ дæр бирæ разынд. Уыдонæн Цæгат Ирыстоны туристон клубтæ бацæттæ кодтой алыхуызон программæтæ. Операторты ныхæстæм гæсгæ, Турцимæ цæуын рæстæг райдыдта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Зæрдæвæрæны мæйы улæфын бонтæ
Категория:
Новости и СМИ