Хæдзар-интернат «Забота»-йы уыд Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыртæ
Абон хæдзар-интернат «Забота»-йы уыд Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыртæ. Сценаримæ гæсгæ зынгсирвæзт æрцыд бæстыхайы дыккæгæм уæладзыджы. Æнæхъæлæджы министрады управленийы пультмæ фехъусын кодтой зынгсирвæзты тыххæй. 10 минуты æмгъуыдмæ бынаты æрбалæууыдысты ирвæзынгæнджытæ æмæ Техникæйы 3 иуæджы. Интернаты цæры 90 адæймаджы. Уыдонæй 20 цæуын нæ фæразынц. Фыццаджыдæр ирвæзынгæнджытæ æдас бынатмæ рахуыдтой интернаты цæрджыты. Уый фæстæ артимæ тох кæнын райдыдтой. Специалистты ныхæстæм гæсгæ ахæм ахуыртæ саразынц æппынæдзух. Уый хорзы рдæм фæзыны фыдбылызы рæстæг куыстыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хæдзар-интернат «Забота»-йы уыд Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ