Ипотекæйы æппæты къаддæр нымæцæвæрд фæстаг дыууæ азмæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны
Ипотекæйы æппæты къаддæр нымæцæвæрд фæстаг дыууæ азмæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны. Бæрæггæнæнтæ сбарстой Цæгат Кавказы Федералон Зылды республкæты`хсæн. Уæрæсейы банкы, Цæгат Ирыстоны национ банкы хайады разамонæг Дзиуаты Иринæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цæрæнуæтты кредиттæн се*ппæты егъаудæр нымæцæвæрд æрцыд 2019-æм азы апрелмæ. Стæй, куыд æгас бæстæйы, афтæ нæ республикæйы нысангонд æмвæзад фæкъаддæр кодтой. Мæнæ уыцы нымæцтæм æркæсæм. Кæд 2018-æм азы ипотекæйы рæстæмбис нымæцæвæрд уыди 9,88%, уæд 2019-æм азы йæ нымæц фæкъаддæр 9,16% онг. Афтæмæй, сси æппæты къаддæр. Ивгъуыд аз республикæйы цæрджытæ ипотекæ райстой 3 мин хатты. Æхцайæ сæ иумæйаг бæрц у 6 млРд сомы. Кредитты иугонд хыгъды ипотекæйы бæрц сси 16%. 2020-æм азмæ ипотекæйы кредиттæй хæсджындзинад æвдисы 18 млрд æмæ 700 милуан сомы. Афæдзмæ сырæзт 14,7%. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ипотекæйы æппæты къаддæр нымæцæвæрд фæстаг дыууæ азмæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ