Республикæмæ кусæг балцы ссыд акционерон æхсæнад «Современные транспортные технологии»-йы делегаци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

4 года назад

Нырыккон домæнтимæ æмдзу. Цæгат Ирыстон бафыста æмгуыстады бадзырд, Уæрæсейы сæрмагонд хæдтулгæтæ чи уадзы, уыцы раззагдæр куыстуат «Группы ГАЗ»-имæ. Сæрмагонд документыл къухтæ æрæвæрдтой республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ æмæ компаниты къорд «Нырыккон транспортон технологиты» базарадон хайады разамонæг Максим Головнов. Бадзырд бафыссыны размæ та Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы ацыд сӕ продукцийы равдыст. Хицауады уæнгтæ машинæтæн цы аргъ скодтой, уый базыдта нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ. Медицинон поезд «Газель NEXT» гыццыл поликлиникæйæ хъауджыдæр нæу. Медицинон æххуысæн дзы æппæт гæнæнтæ дæр ис. Йæ аразджытæ алы лыстæгдзинадыл дæр рагацау ахъуыды кодтой. Ис дзы хъармгæнæн, уæлдæф сыгъдæггæнæн æмæ автономон электрон тыхдæттæг системæтæ. Сæрмагонд бынæттæ медицинон ифтонггæрзтæ æрæвæрынæн. Ацы хæдтулгæйыл ис дæрддзæф хъæутæм ацæуыны фадат. Ацы автобусы ис 41 бынаты. Сæрмагондæй арæзт у цæрджыты æнцонвадат уавæрты ласынæн. Йæ цуры та ӕнӕхъӕн бинонтӕн цӕрынӕн бӕзгӕ хӕдзары хуызӕн хӕдтулгӕ. Экскурсийы фæстæ республикæйы хицауады уæнгтæ куыстуæтты къорд «Современные транспортные технологии»-йы делегаци ныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл. Сæрмагондæй æркастысты холдинг «Группа ГАЗ»-мæ. Сæйраг ныхас — регионы транспортон райрæзты фарстатыл бакусын. Уый фæрцы та цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабæзтæм фæкæсын. Кусæг фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, компани æмæ республикæ бафыстой генералон бадзырд. Йæ фæлгæты къухы бафтдзæн регионы транспортон райрæзты проекттæ саразын. Дарддæр та бакусдзысты фæндаггон картæйыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv