Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы уæнгтæ фембæлдысты Ленинграды блокадæйы архайджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы уæнгтæ фембæлдысты Ленинграды блокадæйы архайджытимæ. Сарæзтой координацион æмбырд. Разамынд ын лæвæрдта горæты Ветеранты Советы сæрдар Уалыты Лев. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Советы сæйраг хæс у - ветеранты царды уавæртæ схорз кæнын. Сæ риссаг фарстатæм сын бæрнон кусджыты æргом аздахын. Ныртæккæ, бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы цæры нæуæдз аст хæсты ветераны. Уыдонæй Ленинграды блокадæйы уацары чи бафтыд, ахæмтæ сты 11 адæймаджы. Уалыты Лев куыд радзырдта, афтæмæй сæ царды уавæртæ сты хуыздæры аккаг. Хъæуы сæ, куыд фæндыйы цæстæй сæм чи нæ кæсы, аргъ сын чи кæны, стæй сæ хъуыддæгты фæдыл цы уагдæттæ архайынц, уыдоны фæкаст. Ахæм бæрнон хæс та алыхуызон мадзæлттæй æххæст кæнынц. Ветеранты Советы координацион æмбырды архайджытæ баныхас кодтой хæстæгдæр рæстæг Ленинграды блокадæйы архайджытимæ районтæм абалц кæнын. Уым ветерантæ æмбæлдзысты скъолаты ахуырдзаутимæ æмæ сæхи цæстытæй цы федтой, уыцы цаутæ дзаурдзысты. Дзæуджыхъæуы Ветеранты Советы сæрдар Уалыты Лев: «Ленинграды блокадæйы архайджытæ сты 11 адæймаджы, сæ фылдæрæн, хъыгагæн, æнæ искæй æххуысæй сæ бон цæрын нæу. Сæ къæхтыл зынтæй лæууынц. Уынгмæ рацæуын æмæ рухсы цъырт фенынмæ сын фадат нæ вæййы. Ветеранты Советы уæнгтимæ æппынæдзух архайæм, цæмæй сæ уавæр бæрæггонд уа. Уый тыххæй фæхабар кæнæм республикæйы хицауадмæ æмæ профилон уагдæттæм. Уыдон дæр сын баххуыс кæнынц. Махæн та нæ куыст цай мидæг и, цæмæй сæм фæкæсæм? Фыццаджыдæр сын сæ бонтæ бахъæлдзæг кæнæм. Семæ æмбæлæм. Ахæм æрхъуыдыдзинад дæр пайад у». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы уæнгтæ фембæлдысты Ленинграды блокадæйы архайджытимæ

Категория:

Новости и СМИ