Битарты Вячеслав фембæлд цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Битарты Вячеслав ма фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Хи аиуварсгæнинаг фарстатимæ сæргълæууæгмæ æрбацыд 10 адæймаджы. Æрыдоны цæрæг фæсидт цæмæй районы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар цалцæггонд æрцæуа, ныртæккæ дзы архайы 56 къорды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæстыхай сарæзтой 1812-æм азы, йе`ддаг бакаст у базилинаг. Йæ сæр дæр ын хъæуы ногæй раивын. Уæдæ йæ бацæуæнтæ дæр сты нывылгæнинаг. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт хъæугæ куыстытæ дæр баххæст кæндзысты. Балтайы цæрæг сылгоймаг иунæгæй хъомыл кæны 4 æнахъом сывæллоны. Бинонты æфтиæгты бæрц мæймæ - 14 мин сомы. Йæ дыууæаздыд фыртæн йе `нæниздзинад хъыгдæрд у. Ныртæккæ йæ фæнд кæнынц Мæскуымæ медицинон центрмæ аласын, уымæ гæсгæ бинонтæ агурынц æххуыс. Битарты Вячеслав сæм се`ргом раздахдзæн. Фембæлды рæстæг ма сæргълæууæгмæ бахастой курдиат, цæмæй Уæллаг Санибайы фæзына фелшырон-акушерон пункт. Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ацы аз фæнд кæнынц 36 ахæм пункты саразын, сты заууат уавæры. Арæзтадон куыстытæ ацæудзысты республикæйы 7 районы. Уыимæ ма фидæны аз Уæллаг Санибайы фæзындзæн культурæйы бынæттон ног хæдзар. Бындуронæй ма сцалцæг кæндзысты фæндаджы уаддзаг Нарт-Фыййагдон-Рассветы, стæй цæугæдон Фыййагдоны сæрты цы хид цæуы, уый дæр. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы фæндаггон хæдзарады комитеты ацы аз уæлæмхасæн субсидиты руаджы бакæндзæн æппæт куыстытæ дæр. Битарты Вячеслав ныфс бавæрдта, алы фарстамæ дæр йе `ргом кæй раздахдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ