Республикон газет «Рæстдзинад» ыл æххæст кæны 97 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны республикон газет «Рæстдзинад» -ыл æххæст кæны 97 азы. Йæ тираж – фондз минмæ `ввахс. Рацæуы къуыри фондз хатты, фыдæбон ыл кæнынц 40 адæймагæй фылдæр. Дзыллон информацион фæрæзты æхсæн «Рæстдзинад», зæгъæн ис, æмæ ахсы уæлдай бынат. Уарзынц æй æмæ йæм алы бон фенхъæлмæ кæсынц алы кары адæм. Суанг ма йæ, фæсарæнты цы ирæттæ цæры, уыдон дæр æй бирæтæ рафыссынц. Газетыл фыдæбон кæны 40 адæймагæй фылдæр. Алчи дæр сæ æххæст кæны хицæн хæстæ. Йæ рауадзынæн хъæуы бирæ хъару æмæ тых. Баскаты Эльзæ кусы рауагъды редакторæй. Йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ нын æргом кæны. Газет, рауагъды редактор куы бабæстон кæны, уæд дарддæр бахауы компьютерон цехы кусджыты къухтæм. Æрыгон чызджытæ, макетмæ гæсгæ, саразынц газеты фарс. Ам ма удвæллойæ кусы, мыхуыр чи кæны æрмæджытæ, уыцы къорд. Тæлмац дæр сæ ацы кабинеты фæкæнынц. Цгъойты Хазби газет «Рæстдзинад» -ы кусы æнусы æмбисы бæрц, æрбацыд хæрзæрыгон лæппуйæ, университеты ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ сæйраг редактор уæд уыд Хъаныхъуаты Владимир, 30 азæй фылдæр фæкуыста ирон адæмы сæраппонд. Уый хъæппæрисæй æрыгон фæлтæрдджын журналисттæ райдыдтой газетæн лæггад кæнын. Уыдонимæ зындгонд фыссæг, этнограф æмæ журналист Цгъойты Хазби. Уæдæй абоны онг йæ зæрдæ нæ сивта ацы газетыл. «Рæстдзинад»-ы цы алыхуызон уацтæ мыхуыргонд цæуынц, уыдон разæнгардæй цæттæ кæнынц фæлтæрдджын уацхæсджытæ. Уыдон сæ иузæрдион кæсджытыл сты æнувыд. Газеты сыфтыл фенæн ис æнæниздзинад хъахъæнынады, ахуырад, наукæ, культурæ, спорт æмæ æндæр ахсджиаг фарстаты фæдыл æрмæджытæ. Баскаты Уырызмæг æрвылбон, спорты чи фесгуыхт, уыцы фæсивæды тыххæй фыссы». Редакцийы цы æрыгон фæсивæд кусы, уыдонæй сæ иу Хъамбердиаты Мысосты номыл премийы лауреат Гасанты Валери. Ацы газет йæ сабибонтæй нырмæ уарзы. Йæ мадыфыд Мыртазты Дауырбег. Уацтæ кæсгæйæ-иу æй сæ фарсмæ æрбадын кодта. Уый йæм тынг цымыдисаг каст. Абоны онг йæ цард баст у газетимæ. Æнтысгæ дæр ын бакодта. Газет «Рæстдзинад» -ыл æххæст кæны 97 азы. Йæ тираж у 5 минмæ `ввахс. Къуыри рацæуы фондз хатты. Ирыстоны разагъды лæгтæ фидар бындур кæмæн сывæрдтой, ахæм ирон æгъдæутты артдзæст. Абоны газеты хæрзхъæддзинадыл архайы йæ сæйраг редактор Хозиты Барис. Фæлтæрдджын хистæртæ кæм уа, уым кæстæртæн раст фæндагыл æрлæууын, æнæмæнг у. Азтæ цæуынц, дугтæ кæрæдзи ивынц, уæддæр Рæстдзинадæн йæ ном нæ ивы. Цы бындур ын сывæрдтой йæ райдайæнæй, уый фарн бамынæг кæнын нæ уадзынц редакцийы кусджытæ. Рæстдзинады тырыса хæссынц фидæны æнусмæ. Айларты Эмилия _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикон газет «Рæстдзинад» ыл æххæст кæны 97 азы

Категория:

Новости и СМИ