Мысæн мадзæлттæ
Куыд æрвылаз, афтæ Беслæны скъолайы номарæн мадзæлтты фæстæ адæм дины кусджытимæ араст сты «Зæдты сахар»-мæ. Уæлмæрдмæ фæндагыл арæзт æрцыд дзуæрттимæ цыд. Теракты амæттæгты хиуæттæ æмæ се `мбæлттæ хастой, 2004-æм азы фыдохы чи фæмард, уыдоны къамтæ. Уæлмæрдты дæр уыд номарæн аргъуыд. Дины кусджытæ æмæ мадзалы иннæ архайджытæ бакуывтой, амæттæгты удтæ хуыздæр раны куыд уой, уый тыххæй. Беслæны æмæ республикæйæ цæрджытæ, уазджытæ, сыхаг регионты минæвæрттæ сæ цæссыгкалгæ сывæллæттæн загътой «рухсаг». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мысæн мадзæлттæ
Категория:
Новости и СМИ