Ирыстоны арæзт æрцæудзæн æппæтдунеон национ æрмдæсныйæдты равдыст
Национ æрмдæсныйæдты куыст цæмæй парахат кæна, уымæ гæсгæ нæ республикæйы траспорт æмæ промышленносты министрады æххуысæй аразт æрцæудзæн æппæтдунеон равдыст - Светлана Пчельниковайы хæрзаудæн проект. Автор у куклатæ аразджыты æппæтдунеон цæдисы президент. Равдысты фенæн уыдзæн æппæт дунейы æрмдæсныты арæзт куклатæ. Се 'хсæн нæ республикæйы минæвæрттæ дæр. "Асик", зæгъгæ куыстуат национ куклатæ аразы 30 азы. Уыцы рæстæгмæ сæ продукцийы хæрзхъæддзинад дунейыл хъуыстгонд у. Сæ куысты сусæгдзинæдтæ раргом кодтой нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæйæн. Дæттæм йын ныхасы бар. Ахæм цымыдисаг куклатæ саразыныл дæс адæймагæй къаддæр нæ бакусы. Алкæуыл дæр дзы ис йæхи хæстæ. Чидæр нывæфтыд скæны хъуымацыл, чи - куклайы буар сæбмырд кæны, чи та сын сæ цæсгæмттæ сныв кæны. Кокойты Людæ та хуыйы куклаты уæлæдарæс. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ куысты бирæ лыстæгдзинæдтæ ис. Алы куклайыл дæр уæлдай лæмбынæг æмæ бæстонæй бакусы. Кокойты Людæ, æрмдæсны: «Куклайы буар ныффидар кæнæм, цæмæй йемæ архайын æнцондæр уа. Мæнмæ хъуымац æрбахауы нывæфтыдимæ. Уыцы хъуымацæй аз ралыг кæнын уæлæдарæс. Адонæй скæндзынæн юбкæ, дыстæ æмæ худ. Худ бахуыйын у æппæты зындæр. Хъуамæ нывæфтыд йæ бынаты карст рауайа. Æппæты æнцондæр кусæн у хъæдæбаимæ. Уымæн æмæ нывæфтыдимæ дæр хуыздæр фидауы. Иу куклайы уæлæдарæс сцæттæ вæййы 2 бонмæ». Куклатыл уæлæдарæс куы фæзыны, уæд семæ кусын райдайы нывгæнæг, Кочиты Светланæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, куклатæ цæттæ уæлæдарæсы куы вæййынц, уæд æнцондæр вæййы семÆ кусын. Æппæт куклаты цæсгæмттæм кæсгæйæ, дыууæ æмхуызоны дзы никуы фендзынæ. Алкæмæн дæр дзы цыма йæхи миддуне æмæ зæрдæйы ахаст ис, афтæ зыны. Кочиты Светланæ, нывгæнæг: «Лæппуты цæсгæмттæ ныв кæнын æнцондæр у мæнæн. Уымæн æмæ дзы афтæ бирæ лыстæгдзинæдтæ нæй. Рихитæ æмæ йын дзыккутæ сныв кæнын. Чызджыты цæсгæмтты та бирæ хъуыддæгтæ ис, тъæфæлттæ, сахорын æй фæхъæуы. Кусын акрилы ахорæнтæй. 20 минутмæ лæппуйы цæсгом сныв кæнын, 30 минутмæ чызджы, сахатмæ та - стыр кукла фæвæййын». Ацы куыстуаты аразынц ирон национ куклатæ, стæй Кавказы æмæ дунейы адæмыхæттыты дæр. Æрмдæснытæй алчидæр йæ уд бавæры йæ куысты. Алы куклайæн дæр ис йæхи ном. Суанг ма сын паспорттæ дæр ис. Уым ныффыссынц куклайæн йæ ном, йæ ас æмæ йыл цы æрмдæснытæ бакуыстой, уыдоны нæмттæ. Куыстуат нæ республикæйы кусы 30 азы. Уыцы рæстæгмæ, сæ куклатæ бирæ хатты уыдысты æппæтуæрæсеон æмæ æппæтдунеон равдыстыты. Бирæ азты дæргъы æмгуыст кæнынц Мариинæг театримæ. Сæ куклатæ уыдысты Эрмитажы дæр. Бахаудысты дунейы хæрзхъæддæр продукцийы номхыгъдмæ. Куклатæн стыр аргъ кæнынц æнæхъæн дунейы. Куыстуат сарæзта Цæхилты Залинæ - историк æмæ этнограф. Йæ сæйарг хæс уыд æппæт дуне нæ национ æрмдæсныйадимæ базонгæ кæнын. Цæхилты Фатимæ, куыстуаты директоры хæстæ æххæстгæнæг: «Нæ куклатæ сты ирон национ уæлæдарæсы. Уымæй уæлдай ма аразæм Кавказ æмæ дунейы адæмыхæттыты дæр. Куклатæ аразгæйæ пайда кæнæм алыхуызон æрмæджытæй. Керамикæ, атлас, хъæдæба, пар ча. Сæ асмæ гæсгæ дæр алыхуызон сты. 10 сантиметрæй 50 сантиметры онг. Нæ куклатæ сты Арбаты цалдæр дуканиты». Ацы хатт сæ куклатæ равæрдзысты национ чиныгдоны. Хæрзаудæн равдысты архайдзысты канд нæ республикæйы æрмдæснытæ нæ, фæлæ фæсарæнтæй дæр: Америкæ, Германи æмæ Японийæ. Равдыст саразыны хъæппæрис разынд нæ республикæйы транспорт æмæ промышленносты министрадмæ. Хайдарбек Бутов, РЦИ-Аланийы промышленность æмæ транспорты министр: «Мæскуйы куы уыдтæн, уæд базонгæ дæн Светланæ Пчельниковаимæ. Уый у куклаты æппæтдунеон ассоциацийы сæргълæууæг. Йæ архайдимæ куы базонгæ дæн, уæд æй нæ республикæмæ æрбахоныны фæнд скодтон. Равдыстæн йæ сæйраг хæс у - нæ республикæйы æмæ æппæт дунейы дæр цы куклатæ кæнынц, уыдонимæ адæмы базонгæ кæнын. Стæй ма нæ фæнды æрмдæснытæн паддзахадон æххуыс бакæнын». Равдыст байгом уыдзæн 7 июны. Дунейы æрмдæсныты сфæлдыстадимæ адæмы бон базонгæ уæвын уыдзæн 28 июны онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирыстоны арæзт æрцæудзæн æппæтдунеон национ æрмдæсныйæдты равдыст
Категория:
Новости и СМИ