Рохуаты ничи баззайдзæн!
Уымæй уæлдай ма, Битарты Вячеслав уыди Æрыдоны районы. Уым, Мичурины хъæумæ ввахс байгом кодтой мемориал, æфсымæрон ингæны цур. Цалцæггонд цыртдзæвæныл фæзынд ацы ран хæсты рæстæг йæ цард Фыдыбæстæйы сæраппонд чи радта, уыцы æфсæддонты номхыгъд. 736 адæймаджы канд нæ республикæйæ нæ, фæлæ Уæрæсейы æндæр регионтæй дæр. Проекты аразджытæ сты æхсæнадон архайæг Саулаты Валерий æмæ историк Алина Акоефф. Абон кадджын мадзалмæ адæм æрбацыдысты, æфсæддонтæн кад скæнынæн. Бузныджы ныхæстæ республикæйы сæргълæууæгæй. Мичурины хъæумæ ввахс ног мемориал кæй скодтой, уый тыххæй. Æфсымæрон ингæны ам ныгæд æрмæст Ирыстоны хъæбултæ не сты. Ацы ран, тугкалæн хæсты архайдтой æндæр регионты цæрджытæ дæр. Абон Мемориал байгом кæнынмæ æрбацыдысты минæвæрттæ Кæсæг-Балхъарæй, Башкортостанæй, Азербайджанæй æмæ Санкт- Петербургæй. 2 хойы Татьянæ æмæ Еленæ Мыггаг? æрбацыдысты Вологодский областьæй. Апрелы сæм æрбадзырдой æхсызгон хъусынгæнинагимæ. Ирыстоны сны ссардтой сæ мады фыды ингæн. Номхыгъды фыст æрцыдысты 736 æфсæддоны нæмттæ. Бирæтæ дзы уыдысты æбæрæгæй сæфтыл нымад. Мемориал бацæттæ кæныныл райдыдтой кусын ивгъуыд азы кæрон. Цыртдзæвæны проекты автор у æхсæнадон архайæг Саулаты Валерий. Æфсæддонты нæмттæ сбæрæг кæныныл куыста Историк Алина Акоефф. Историктæн æххуыс кодтой Æрыдоны районы администраци æмæ бархионтæ. Æрыдоны колледжы студенттæ. Абон мадзал бабæрæг кодтой рæзгæ фæлтæр, фæсивæд æмæ мидхъуыддæгты министрады алыхуызон хайадты минæвæрттæ. Кад скæнын, банымадтой сæ хæсыл. Стыр бæрæгбоны размæ бинонтæ сæ хистæрты ингæнтæ кæй ссардтой, уый стыр æхсыызгондзинад у. Уæлдай дæр бирæ азты сæ чи агуырдта, уыдонæн. Ацы мемориалон комплекс фыццаг нæу. Ахæм куыстытæ та цæудзысты дарддæр дæр. Бархионтæ агурдзысты Ирыстоны зæххыл æбæрæгæй сæфтыл нымад цы æфсæддонтæ фесты, уыдонæн сæ хæстæджыты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рохуаты ничи баззайдзæн!
Категория:
Новости и СМИ