1873 азы император Александр II цы гербы эскиз сфидар кодта, уый Дзæуджыхъæуæн ратдзысты
Дзæуджыхъæуæн ратдзысты, 1873-æм азы император Александр II цы гербы эскиз сфидар кодта, уый. Бирæ рæстæг документтæ уыдысты Уæрæсейы Центрон паддзахадон историон архивы фондты. Горæты администрацийы культурæйы управленийы разамонæг Мæрзойты Руслан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй абон дзæуджыхъæуккаг делегаци фембæлдзæн Санкт-Петербургы Геральдистты советы минæвæрттимæ. Уым сбæлвырд уыдзæн, эскизтæ лæвæрд кæд æрцæудзысты, уый. 150 азы цы гербы историйыл цæуы, уый ногæй уыдзæн нæхимæ, - бафтыдта Мæрзойты Руслан. Горæты нырыккон герб фидаргонд æрцыд 1994 азы. Геральдисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй йыл хъæуы бакусын æмæ æм ивддзинæдтæ бахæссын.