Ног зонындзинæдтæ
Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ахуырдзаутæ базонгæ сты Дзæуджыхъæуы администрацийы куыстимæ. Мадзалы кадджын уазджытæ систы республикæйы сæргълæууæджы цур æххæстбарджын минæвар Геннадий Радионов æмæ муниципалон сконды разамонæджы хæдивæг Ходы Мæдинæ. Мадзал арæзт æрцыд республикæйы сæргълæууæджы цур муниципалон ахуырады хъæппæрисæй. Сæ сæйрагдæр нысан у, адæмы архайд республикæйы фæхъомысджындæр кæнын. Урок ахицæн ныхасы хуызы. Ахуырдзауты администрацийы куыст сцымыдис кодта, уыдис сæм бирæ фарстатæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Дзæуджыхъæуы ахæм хуызы мадзæлттæ фараст скъолайы кæй сарæзтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног зонындзинæдтæ
Категория:
Новости и СМИ