14 октябры 1908-æм азы Дзæуджыхъæуы байгом мæзджыт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

14 октябры 1908-æм азы фыццаг хатт йæ дуæрттæ байгом кодта Дзæуджыхъæуы Суниттаг мæзджыт. Исламы культурæйы аив объект 100 азæй фылдæр цымыдис кæны архитекторты æмæ йæхимæ æлвасы туристты. Дуне сфæлдисæгмæ скувын, уды рис ын раргом кæнын. 100 азæй фылдæр Дзæуджыхъæуы мæзджыт æрбангом кæны уырнæг адæмы. Йе 'нусон историмæ гæсгæ сси горæты зындгонддæр бынæттæй иу. Терчы былгæрон мæзджыт куы нæма уыд, уæд пысылмæттæ куывтой гом арвы бын. Бæстыхай скæныныл дзурын райдыдтой 19 æнусы. Фæлæ, йæ аразын та райдыдтой æрмæст мин фарастсæдæйæм 1900 азы. Мæзджыты истори у хъæздыг æмæ бирæвæрсыг. 30-æм азты бæстыхай бантыст бахъахъхъæнын. Пайда дзы кодтой куыд культурæйы хæдзар, клуб, 20 азæй фылдæр та уыд бæстæзонадон музей. 60-æм азты мæзджыт райдыдтой бындуронæй цалцæг кæнын. Цæмæй дзы дарддæр йæ нысаниуæгмæ гæсгæ пайда гæнæн уа.1996 азы та йæ Цæгат Ирыстоны пысылмæтты управленийы бæрны бакодтой. Мæзджыт у федералон нысаниуæгимæ архитектурæйы цыртдзæвæн. Цалдæр азы размæ мидæггаг нывæфтыдтæ сног кодтой специалисттæ Казанæй. Уæд мæзджытæн йæ æрдынцар сцалцæг кæнын нæ бантыст. Нысангонд куыстыты хыгъдмæ нæ бахауд. Ныр дæр йæ уавæр сæ хуыздæртæй нæу. Къæвдаты рæстæг дзы цар тæдзы. Республикæйы пысылмæтты управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымураты ныхæстæм гæсгæ, мæзджытмæ хъæуы æвæстиатæй базилын. Дзæуджыхъæуы суниттаг мæзджытæн дунейы æмбал нæй йæ хуызмæ æмæ йæ арæзтадмæ гæсгæ. Горæты астæу архитектурæйы ирд цыртдзæвæн йæ аивдзинадæй йæхимæ 'лвасы куыд республикæйы цæрджыты, афтæ туристты дæр. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv