Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы æрцыд зынгсирвæзт
Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы æрцыд зынгсирвæзт. Бæстыхай фæздæгæй кæй байдзаг, уый тыххæй хъусынгæнинаг фæзынди абон цыппæрдæс сахатыл. Бынатмæ æвæстиатæй ацыдысты Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ. Зынгсирвæзтæн снысан кодтой дыккаг къæпхæн. Скъолайы кусджытæ райдыдтой эвакуаци. Зынгхуыссынгæнæг службæ куыд рабæрæг кодта, афтæмæй зынг фæзынди спортзалы. Ныртæккæ уымæй нæ пайда кæнынц, цæуынц дзы цалцæггæнæн куыстытæ. Ссыгъди дзы пъол æмæ йыл цы гарз тыд уыдис, уый. Цыппæрдæс сахаты æмæ æртын фондз минутыл зынг ахуыссын кодтой. Бынаты куыстой 49 зынгхуыссынгæнæджы æмæ 14 техникæйы иуæджы. «Цыппæрдæс сахатыл æмæ фараст минутыл нæм фæхабар кодтой 25-æм скъолайы зынгсирвæзты тыххæй. Бынатмæ уайтагъд æрвыст æрцыдысты зынгхуыссынгæнджытæ. Куыд нын фæхабар кодтой, афтæмæй фæздæг кæлын райдыдта, скъоламæ æввахс цы æнæпайдагонд спортивон зал лæууы, уым. Зынг ахуыссын кодтой цыппæрдæс сахаты æмæ æртын фондз минутыл. Не ’рбацыдмæ æдас бынатмæ æрвыст æрцыдысты æртæсæдæ æхсай цыппар адæймаджы- æртæсæдæ скъоладзауы æмæ æхсай цыппор скъолайы кусæджы. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Бынатмæ куы бахæццæ стæм, уæд уый бæлвырдæй сбæрæг ис». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы æрцыд зынгсирвæзт
Категория:
Новости и СМИ