Наукæй бонтæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдтой наукæйы бонтæ. Сæ сæйраг нысан у студентты сæрæндзинад зонад æмæ аивадмæ рабæрæг кæнын. Мадзал у æрвылазон. Цæудзæн дыууæ боны. Абон университеты наукон бибилиотекæйы æрæмбырд сты æппæт хайадты минæвæрттæ сæ зонадон разамонджытимæ, скъоладзаутæ æмæ абитуриенттæ. Ахуырдзаутæ равдисдзысты сæхи цымыдисаг программæ. Ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис куыд зæгъы, афтæмæй ахæм бæрæгбæтты фæстæ сывæллæттæн сæ зæрдæ разæнгард кæндзæнис уæлдæр ахуырад райсынмæ. Сæ хъарутæ уæндондæрæй æвзардзысты зонадон куысты. Алы хайадмæ дæр ис йæхи программæ. Абон сбæрæг ис, æнæхъæн афæдз зонады мидæг цæуыл фæкуыстой, уый. Райсом та ма байхъусдзысты цымыдисаг æмæ ахсджиаг докладтæм. Фæсивæд канд зонадон уацтæ на кæсдзысты, фæлæ классикты уацмыстæ дæр. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кады гæххæттытæ æмæ æхцайы сертификаттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Наукæй бонтæ
Категория:
Новости и СМИ