Æрæфы районы фермертæн æххуыс кæнынц сæ куыст парахат кæнынæн

Йæ сабибонты бæллиц Таматы Хъасболат сæххæст кодта. Ныртæккæ йæм бæхтæй уæлдай ис стурвос, 250 сæрæй фылдæр, уыимæ кæрчытæ æмæ бабызтæ. Фосдарыны куыст уарзы сывæллонæй. Скъолайæ йæ уæгъд рæстæг иу фыййауæй дæр цыд. Фæллой кодта сабыргай, къæпхæнгай архæйдта йæ фермæйы райрæзтыл. Æнцон нæ уыд, фæлæ удуæлдай лæггады 'руаджы йæ къухы æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Хъасболат къорд рæстæг фермæ хаццоны иста. Фарон йæ къухы бафтыд зæххы хай, стурвосæн дзы сарæзта дарæн бынæттæ. Фæнды ма йæ ноджы 60 сæрæн скъæт саразын дæр. Йæхицæй уæлдай ма фермæйы фæллой кæны æртæ адæймаджы. Кусынц цыфæнды боныхъæды дæр. Къæвда уа, мит уара, æнтæф бон. Уымæн æмæ фосмæ æппынæдзух хъæуы бæстон цæстдард. Афæдз дыууæ хатты ацæуынц ветеринарты æркаст. Скæнынц сын туджы иртæстытæ. Родтæ куы айрæзнц, уæд сæ ауæй кæны. Фермер фæнд кæны йæ фосы дзуг фылдæр кæнын, парахат кæнын йæ куыстуат. Цæрæгойтæ уарзын Охъазаты Оксанæйы сабийæ фæстæмæ æмхиц кодта йæ мад. Сæ хъуыддаг райдыдтой чысылгай. Балхæдтой дыууæ хъуджы. Бынат сын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ дардтой хæдзары кæрты. Фæстæдæр райстой хъæууон хæдзарады министрадæй грант 1,5 милуан сомы. Сылгоймаг йæхæдæг кæны цыхт, архайы алыхуызон конкурсты. Ныридæгæн æм ис 30 сæры. Æххуыс ын кæнынц йæ бинонтæ. Фермертæн æххуыс кæны республикæйы хъæууон хæдзарады министрад. Субсидитæ исынц ифтонггæрзтæн, фосдарынæн æмæ æндæр хæрдзтæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 456 подписчиков
12+
34 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии