Ирон чъиритыл патент сфидар кæнын Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад бар нæ дæтты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстонæн чъиритæ рагæй систы бренд кæй хонынц, ахæм табуйаг хойраг. Æнæхъæн бæстæйыл апарахат сты. Фыцынц сæ хæдзары, кафеты, ресторанты. Фæлæ цы хуызæн вæййынц, æмæ цæмæй конд вæййынц уыцы «джынтæ», уый у дызæрдыггаг хъуыддаг. Хатт сæ уындæй зæрдæ бамæгуыр вæййы. Иу ныхасæй, чъиритæй ма баззайы сæ ном. Кæм цы ницæйаг «джын» скæнынц, уый дæр ирон уæлибæх схонынц. Цæмæн? Уымæн æмæ ирон чъиритæ сты модæйы. Ныр, амалхъом адæмæй чи амæй-ай сæрæндæр разына, зæгъгæ, фæнд кæнынц патент «Осетинские пироги» райсын. Уыцы фарста фæзынд цалдæр боны размæ. Специалисттæ зæгъынц, патент дæм цæмæй уа, уый тыххæй, фыццаджыдæр, хъæуы хъæууон-хæдзарады министрадæй разыйы дзуапп райсын. Уыимæ та фæзынд къуылымпыдзинæдтæ. Министрад курдиæттæ иууылдæр фæиппæрд кодта. Уымæй уæлдай закъоны ныхмæ расидтысты сыхаг регионты амалгæнджытæ. Закъон куы ныффидар кæной, уæд сын уæливыхтæ кæныны бар нал уыдзæн. Цæгат Ирыстоны амалхъом адæм та зæгъынц, патенты руаджы туристтæ республикæмæ ныггуылф кæндзысты. Медойты Тимур, РЦИ-Аланийы амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг: «Хъуыддаг афтæ у æмæ Уæрæсейы хъæууон-хæдзарады министрад хъæугæ гæххæттытæ нæ дæтты. Уæвгæ сæ ратдзæн уый дæр бæрæг нæу. Цæмæн афтæ, уый ничи зоны. Сæхæдæг дæр æй бæлвырдæй не ’мбарын кæнынц. Ома дам «Ирон чъиритæ» афтæ арæх æмæ зонгæ сты æгас бæстæйы цæрджытæн дæр, мæ сæ нæй кæйдæр национ продукт схонæн. Мах уыимæ разы не ’стæм. Абон «Осетинские пироги», зæгъгæ фыст фенæн ис Уæрæсейы алыхуызон дзулфыцæн бынæтты. Афтæмæй уыцы хойраг ирон чъиритæм æппындæ ницы бар дары». Сопойты Алан, амалхъом адæймаг: «Фыццаджыдæр сæ хойраг национ рецептурæмæ гæсгæ нæ аразынц. Хыссæ дæр иухызон нæ вæййы, уыимæ арæхстдзинад æмæ фаг фæлтæрддзинад дæр стæмтæм разыны. Иу ныхасæй чъириты хæрхъæддзинад иуыл сæ хæрзтæй нæ вæййы. Конд хъуамæ ирон цыхт æмæ фæлмæн хæрзад хыссæйæ. Уыдæттыл бирæтæ арæх сæ къух ауигъынц æмæ куыдфæндыйы цæстæй фæкæсынц национ продуктмæ. Уæй та йæ фæкæнынц куыд ирон чъири. Уый раст нæу». Бæлвырд у, табуйаг хæринаг та дзырддаг кæй сси, уый.  Ирыстоны æнæ уыдон иу бæрæгбон дæр нæ вæййы. Ныридæгæн ирон хæрзад уæлибæхты кой айхъуыст æппæт дунейыл дæр. Уый та тæссаг у, кувинаг хæринаг алы къуымы дæр тагъд комдзаджы охыл уæй кæнын кæй райдайдзысты, уымæй. Æмæ сæфдзæн сæ нысан. Æрæджы Цæгат Ирыстоны сарæзтой амалхъом адæмы цæдис «Алания продукт» зæгъгæ. Уыцы цæдис йæхимæ ахæм хæстæ райста, æрмæст æмбæлгæ ’гъдауыл конд чъиритæ куыд хæццæ кæной адæммæ, уымæ цæст дарын.  Цæдисы ис 8 цæгатирыстойнаг компанийы. Абон нæм уазæгуаты ис «Алания продукт»-ы разамонæг Цæгæраты Руслан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ирон чъиритыл патент сфидар кæнын Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад бар нæ дæтты

Категория:

Новости и СМИ