Цæттæ не сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

108 ахуыргæнæндоны 135-æй зынгсирвæзтыты ныхмæ тохы домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Уый тыххæй фехъусын кодтой æнæнхъæлæджы уавæртæ аиуварс кæныны фæдыл æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны ис 480 ахуыргæнæндоны. Æмбырды архайджыты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй скъолатæ домæнтæ иууылдæр æххæст кæной, уымæн фаг æхцайы фæрæзтæ нæй. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ахæм ныхæстæй сæхи раст кæнынц, кусын кæй нæ фæнды æмæ чи нæ зоны, уыдон. Ацы фарстайæн æндæр аххосæгтæ ис. Æмбырды ма ныхас кодтой зынгхуыссынгæнæн гидрантты уавæрыл. Сæ 20% куыд æмбæлы, афтæ нæ кусынц. Се `рдæг та фæндæгтæ цалцæггæнæн куыстыты рæстæг асфальты бын фæкодтой. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ацы хъуыддагмæ лæмбынæг æркæсын хъæуы. Сывæллæтты улæфæн лагертæ куыд цæттæ сты æмæ куыд кусынц, ууыл дæр дзырдтой. Ацы аз хъуамæ скуыстаиккой 11 фæлладуадзæн лагеры. Фæлæ сын сæ уавæр куы `ркастысты, уæд рабæрæг, адæмы æдасдзинады домæнтæн дзуапп кæй нæ дæттынц. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны кусынц 2 лагеры — Фыййагдоны «Металлург», Цмийы та — «Звездочка». 3 бæстыхайы ма кусынц æппæт аиппытæ аиуварс кæныныл. Хæстæгдæр рæстæг реабилитацион центр, санаторитæ «Тæмискъ» æмæ «Осетия» суазæг кæндзысты фæлладуадзджыты. «Иннæ улæфæн базæттæ - пансионат «Урсдон», Дзынагъайы турбазæ «Ростсельмаш» æдасдзинады домæнтæ нæ сæххæст кодтой. Уый тыххæй нæ бон нæу сывæллæты бауадзын уырдæм. Бæлвырддæрæй куы дзурæм, уæд та дзы нæй æмбæлгæ хуызы чи кусы, ахæм зынгсирвæзтыты ныхмæ системæ, стæй сигнализаци. Раст конд не сты æвæстиатæй рацæуæнтæ дæр. Кæмдæр та электрон телтæ гом сты. Бæстыхæйттæ хъæдæй конд сты æмæ исты фыдбылыз, Хуыцау бахизæд, куы рцæуа, уæд къултæ тагъд ссуддзысты. Уый тыххæй сывæллæттæн нæ, фæлæ дзы хистæр адæмæн дæр уæвæн нæй», — РЦИ-Аланийы æнæхъæлæджы уавæрты министрады хицауы хæдивæг Дзанайты Павел. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Цæттæ не сты

Категория:

Новости и СМИ