Битарты Вячеслав фембæлд Кировы районы цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

Республикæйы сæргълæууæг ахуырады къабазы фарстатæм йæ ргом аздæхта Кировы районы цæрджыстимæ фембæлды. Уыди зонон Змейкæйы. Кæй цы тыхсын кæны, уыцы фарстатимæ æрбацыдысты бынæттон цæрджытæ культурæйы хæдзармæ. Къах бавæрæн дæр дзы нæ уыд. Æмбырдмæ æрбацыдысты Змейкæйы станицæйы, Став Дурты æмæ Ираны хъæуы цæрджытæ. Ацы хабары тыххæй уын зонон дæр хъусын кодтам. Æргом æмæ комкоммæ. Афтæ йæ ныхас райдыдта Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куы фæбæрæг кодта, афтæмæй алы районы, алы хъæуы цæрджытæм дæр ис сæхи риссаг фарстатæ. Æмбырд уымæн у – цæмæй сæ иумæйагн тыхтæй ауварс кæной. Змейкæйы культурæйы хæдзары къах бавæрæн дæр нæ уыд. Уæвæгæ, афтæ рауайы алы хат дæр. Радон фембæлды бацархайдтой Кировы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Нæхъуысаты Барис æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ. Фарстатæ бирæ разынд адæммæ.  Сæ ахсджиагдæртæй иу – фæндæгты æвзæр уавæр. Сты цалцæггæнинаг. Уымæй уæлдай ма хъæуы нæй фосхизынæн фæзтæ. Дон дæр цæуы къуылымпытимæ. Битарты Вячеславы дзуаппæй разыйæ баззадысты адæм. Уый ныфс бавæрдта хæстæгдæр рæстæг дондзæуæн системæмæ бæстонæй кæй æркæсдзысты, уый. Ныр дæр фарста сабыргай алык кæнæн ис. Бирæ фарстатæ æрбацæуджытæ радтой – фæсивæдæн уавæртæ кæй нæй, уый тыххæй дæр. Адæм хъазт кæнынц хъæуты спортивон æмæ культурæйы хæдзæрттæ кæй нæй, ууыл. Рæзгæ фæлтæры бæргæ фæнды исты спорты хуызты кæнæ аивадон къордты архайын, фæлæ уымæн фадат нæй. Фарстайыл кусынц. Дарддæр дæр афтæ кæй уыдзæн, уымæй ныфс бавæрдтой. Ахуыргæнæндæтты дæр ис сæхи æхсаинаг хъуыддæгтæ. Сывæллæтты рæвдауæндæтты та фаг бынæттæ нæй. Уыцы фарстайыл сæрмагонд программæйы фæлгæты кæй бакусдзысты, уымæй зæрдæ бавæрдтой. Скъолаты ахуыргæнджытæ æрбацыдысты Битарты Вячеславмæ æндæр курдиаттимæ. Сæ иу уыд ахæм. Змейкæйы цæрджытæ разы не сты цы фæндæгтæ сæм ис, уымæй. Бафарстой хъуыддаг кæд аивдзæн, уый. Республикæйы сæргълæууæг ныхасы бар радта профилдон комтеты разамонæг Солиты Тариелæн. Уый куыд загъта, афтæмæй, ацы аз хъæуы иу нæ, фæлæ цалдæр уынджы фæндæгтæ бацалцæг кæндзысты. Ахсджиаг хъуыддаг ам дæр – зæххыты фарста. Амалхъом адæм зæххытæ хаддзоны исынц. Фидынц хъалон. Хъæуы цæрджытæ уымæй хъазт кæнынц, зæххытæ дам хъæуы фосы хизæн бынæттæ сты. Æмæ сæ хаццоны уадзын нæ фæнды. Битарты Вячеслав ныфс бавæрдта, зæххытæм кæй нæ бавналдзысты, уымæй. Фæлæ кусын кæй фæнды, уыдоны дæр æнæ æххуысæй нæ ныууаддзæн. Æмбырды кæронбæттæн Республикæйы сæргълæууæг хаттдзæг скодта радон ныхасæн. Цыдæриддæр тыхсын кæны адæмы, уымæ æркæсдзысты бæрнон кусджытæ. Хи фарстатимæ чи æрбацыд, уыдонæн дæр дзуапп раттдзæн. Районы цæрджытæ загътой бузныджы ныхæстæ, ахæм хуызы адæммæ йæ ргом кæй здахы, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд Кировы районы цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ