Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæсфронты архайджыты уаргъ
Майдантæ æмæ кады гæххæттытæй схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæсфронты архайджыты. Ахæм хъæппæрис разынд Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæм. Хæрзиуджытæ саккаг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы боны 75 азы кадæн. Фæсфронты архайджыты хсæн уыдысты Црауы цæрджытæ дæр. Не 'сфæлдыстадон къорд сæ бабæрæг кодта. Фардзинты Батыр райгуырд 1933 азы, Црауы. Йæ сабийы бонтæ дæр арвыста уым. Уæдæ йæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст дæр æрæййæфта райгуырæн хъæуы. Кæд нырма чысыл уыди, уæддæр архайдта, цæмæй фæсфронты рæстæг æххуыс кæна йе ‘мзæххонтæн. Йæхæдæг нын куыд радзырдта, афтæмæй бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ йæ ныфс никуы асаст. Фæсфронты архайджытæ бирæ алыхуызон куыстытæ кодтой. Къахтой акъоппытæ, куыстой быдырты, хуыдтой дзаумæттæ æмæ дзабыртæ хæстонтæн. Ахæм куыстыл хæст уыд Æчеты Аннæ дæр. Уый та райгуырд 1932 азы. Райгуыр Красногоры. Йæ царды хабæрттыл куы афæлгæсы Æчеты Аннæ, уæд йæ зæрдæ бауынгæг вæййы. Йæ мад ын куыд дзырдта, афтæмæй немыцæгтæ цардысты сæ хæдзары. Æчеты Аннæйы хæдзары æрмæст немыцæгтæ нæ царди. Бинонты хистæртæ суазæг кодтой æцæгæлон адæймаджы. Æппæт уыцы хабæрттæ мысгæйæ Æчеты Аннæйæн йæ бон æнæ цæссыг дзурын нал вæййы. Уымæн æмæ уæды замантæ тынг зын уыдысты. Куыд зæгъы, афтæмæй фæсфронты чи архайдта, уыдонæн æнцондæр нæ уыд. Ахæм хъуыдыйыл хæст у Гогаты Елмысхан дæр. Хæсты заман Елмысханыл цыди 12 азы. Уæд нырма царди Цъæйы. Хъæуы цæрджытæн сæ фылдæр хай араст сты хæсты тæккæ тæмæнмæ. Хъæуы цæрджытæй ма баззадысты æрмæстддæр карджын адæм æмæ хæрз чысыл сывæллæттæ. Фæсфронты архайгæйæ Гогаты Елмысхан бирæ зындзинæдтæ баййæфа. Йæхиуыл æнæауæрдгæйæ цавæрфæнды куыстмæ дæр рæвдз уыд. Уæдæ хæст куы фæци, уæддæр æнцад никуы бадт. Фæсфронты архайджыты хъысмæт Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи уыд, уыдонæй æнцондæр нæ уыд. Алкæуыл дæр сæ бæрнон хæс æвæрд уыд. Ныртæккæ ма дзы æгасæй чи баззад, уыцы адæм стæм сты. Црауы цæрджытæ амондджын сты, сæ хъæуы ахæм хистæртæ кæй ис, уымæй. Æрæджы фæсфронты архайджытæн нæ республикæйы хициуад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы кадæн балæвар кодтой майдантæ, хæрзиуджытæ æмæ кады гæххæттытæ. Црауы цæрджытæй бирæтæ ацыдысты хæстмæ. Уæдæ фæсфронты архайджытæ дæр къаддæр нæ уыдысты. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæсфронты архайджыты уаргъ
Категория:
Новости и СМИ