Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой цалдæр фыдгæнджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой цалдæр фыдгæнджы. Азымджын сæ кæнынц згъæрисæг нæлгоймагмæ гæрзифтонгæй кæй балæбурдтой  æмæ йын йе `хца кæй байстой. Барадхъахъхъæнджытæ æнæкъуыхцытæй  æмæ æвæстиатæй æрцахстой знаггадгæнджыты. Уыдон разындысты 28 æмæ 23 аздзыд бынæттон цæрæджы. Куыд рабæрæг, афтæмæй закъонхалджытæ адавтой нæлгоймаджы чыссæ, 29 мин сомимæ. Уый фæстæ та йын йæ цалх кардæй фæхуынкъ кодтой, цæмæй сæ фæдыл ма рацæуа, уый тыххæй. Пъæлицæйæгтæ сæ фæд-фæд цæугæ давджыты баурæдтой видеоцæстдарды системæтæй спайда кæнгæйæ. Ныр закъонхалджытæм æртхъирæн кæны ахæстон. Слестгæнджытæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг 162-æм статьямæ гæсгæ - «Разбой», зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой цалдæр фыдгæнджы

Категория:

Новости и СМИ