2022 æм азы мадæлты капиталы бæрц фыццаг сывæллонæн уыдзæн 503 мины 237 сомы
Мадæлты капиталы бæрц скæндзысты индексаци федералон бюджеты 'рдуаджы. Фыццаг сывæллонæн фидæны аз йæ бæрц уыдзæн 503 мины 237 сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта вице-премьер Татьяна Голикова Уæрæсейы хицауады цур социалон-фæллойадон ахастдзинæдты фарстаты фæдыл сæрмагонд къамисы æмбырды. Дыккаг сывæллоны райгуырды фæстæ мадæлты капиталы бæрц 2022-æм азы уыдзæн 665 мин сомы. Уæвгæ та ацы социалон фиддонæн æртæ азы бюджеты нысангонд æрцæудзæн 1,5 триллион сомæй фылдæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ мадæлон капиталы бæрц у 483 мин сомы фыццаг сывæллонæн, 639 мин сомы та - дыккагæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv