Куырттаты хъæуы æрцыд хылкъахæн фыдракæнд
Дысон æхсæвыгон Куырттаты хъæуы æрцыд хылкъахæн фыдракæнд. Знаггадгæнджытæ спайда кодтой травматикон хæцæнгарзæй дæр. Бынатмæ æвæстиатæй атагъд кодтой Уæрæсейы гварди, пъæлицæцæгтæ æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Барадхъахъхъæнджытæ басабыр кодтой, хыл чи ракъахта, уыцы фæсивæды. Рагагъоммæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ хыл рауад хуымӕтӕг быцӕуы тыххӕй.