Елхот | Фæрдгуытæ
Æрдз - не сфæлдисæг, зæхх - нæ дарæг. Уыцы хъуыддаг чи æмбары, стæй фыдæбон кæнын чи уарзы, зæрдæрухс дæр уый вæййы. Ахæм у елхотаг Бичерахты Эдуард. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ цæхæрадоны алцыдæр зайы. Зæххæн йæ фарн куыд у, йæ бæркад дæр афтæ у.