Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ 2-аг бон архайынц инвестицион форум «Сочи 2019» ы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Сочийы дыккаг бон кусы æппæтдунеон инвестицион форум. Райдыдта премьер Дмитрий Медведевы фембæлдæй субъектты сæргълæуджытимæ. Уый у абоны цаутæй æппæты вазыгджындæр. Æмбырды æрныхас кодтой социалон къабазы национ проектты куысты тыххæй. Уымæй уæлдай ма дзырдтой регионты экономикæйы рæзтæн федералон хицауад цавæр æххуыс хъуамæ бакæна, ууыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, форумы фыццаг бон дзы бацархайдта 3 мин æмæ 500 адæймагæй фылдæр. Сты 14 бæстæйы минæвæрттæ. Се 'хсæн Уæрæсе, Армени, Германи. Цæгат Кавказы республикæтæй дзы архайы æрмæстдæр Цæгат Ирыстон. Нæ минæвæрттæ дзы æвдисынц 32 проекты. Баст сты алы къабæзтимæ. Уымæй уæлдай ма нæ республикæ бафыста цалдæр бадзырды. Æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ агропромышленнон комплекс. Куыстуат «ДигАгро» та бафыста бадзырд компани «Бауэр»-имæ. Зæгъæн ис, æмæ уый у се 'мгуыстады дыккаг къæпхæн. Дыууæ азы размæ ацы форумы бафыстой элеватор саразыны тыххæй бадзырд. Ацы аз та ног бадзырды руаджы æлхæд æрцæудзæн компани «Класс»-ы хæрзхъæд хъæууонхæдзарадон техникæ. Абон у форумы фæстаг бон. Арæзт ма цæудзысты ахсджиаг фембæлдтæ æмæ æмгуыстады тыххæй æмбырдтытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ 2-аг бон архайынц инвестицион форум «Сочи 2019» ы

Категория:

Новости и СМИ