Дзанайты Барисы разамындӕй ацыд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл æмбырд
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстатыл ныхас цыд премьер Дзанайты Барисы разамындимӕ сæрмагонд æмбырды. Фыццаградон хæстӕн сӕ иу – цæрджыты царды хæрзхъæддзинад æмæ æнцонвадат уавæрты арæзтад. Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй къабаз зымæгмæ у цæттæ. Хъармгæнæнтæ кусынц фæткмæ гæсгæ. Сæрмагонд организацитæ æмæ муниципалон скондтæ цæттæдзинады паспорттæ райстой афоныл. Премьер фæнысан кодта, цæттæгæнæн мадзæлттæ афонæй раздæр æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый у ахсджиаг. Æмбырды архайджытæ ма хатдзæгтæ скодтой хъæбæр коммуналон хауæццæгты регионалон операторты куыстæн. Дзанайты Барис бабар кодта адæмимæ æмбарынгæнæн куыст кæнын, цæмæй бырон ласӕггаг фиддонтæ афоныл фидой. Уыимæ ма ацы фарстайы фæдыл муниципалон скондты административон къамисты архайд хъӕуы фæдывæр кæнын, цæмæй бырон афоныл ласт цæуа. Горæты æмæ хъæуты хъуамæ бырондæттæ сонтӕй ма æвзæра. Ныхас ма цыд æрдзон газ æмæ электрон тыхы лæггæдты фиддонтыл. Уыимæ ма бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæджы регионалон программæйы райрæзтыл.