Республкæйы цæттæ кæнынц хъæрмгæнæн сезонмæ

Весенняя уынджы ныртæккæ куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Ам ивынц хъармгæнæн хызæгтæ. Ацы уаццаг домдта сæрмагонд цæстдард. Хæтæлтæ дзы заууатмæ æрцыдысты. Ног хъармгæнæн сезонæн нал бафæрæзтаиккой. Зæронд æфсæйнаг хæтæлтæ ивд цæуынц ногтæй, сты поливинилхлоридæй. Сæ службæйы æмгъуыд у 50 азæй фылдæр. Ацы аз баивдзысты хызæгты 3 километры. 700 метры ныридæгæн сног кодтой. Уый размæ конд æрцыдысты гидравликон фæлварæнтæ. Афтæмæй сбæрæг сты хъармгæнæн трассæйы æппæты тæссагдæр æмæ æнæбæзгæ хæйттæ. Ног хъармгæнæн рæстæгмæ райдайынц цæттæ кæнын раздæры сезон куыддæр фæвæййы, афтæ. Закъонмæ гæсгæ республикæйы сæрмагонд къамистæ кусынц æртæ здæхтмæ гæсгæ: муниципалон скодтæ цæттæ кæнын, хъармгæнæн хызæгты организацитæ бацæттæ кæнын æмæ фæлхасгæнджытимæ куыст. Регионы ма кусы зымæгмæ цæттæгæнæн штаб дæр. Цæттæдзинады паспорттæ райсын фæнд кæнынц 15-æм сентябрьмæ. Разæй бирæ куыст ис, ныртæккæ алцыдæр æххæстгонд цæуы фæткмæ гæсгæ, æнæ фæстиатæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
9 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии