Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц фæндæгтæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта фæндаггон-арæзтадон рæстæг. Ацы аз фæнд кæнынц 30 уынгæй фылдæр сцалцæг кæнын. Уыцы куыстытæн радих кодтой 500 милуан сомы. «Фæндаггон фонды» куысджытæ ныридæгæн куыстытæм бавнæлдтой. Доваторы, Цоколайы Калинины æмæ Барбашовы номыл уынгты ногæй баивдтой бордюртæ. Æвæгæсæй нæ ныууадзысты Заводы æмæ Южныйы поселокты уынгтæ дæр. Уым сцалцæг кæндзысты фæйнæ æртæ фæндаджы хайы. Карцайы поселоччы та сног кæндзысты сæйраг уынг. Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны афтæмæй арæзтадон компанитимæ бадзырдтæ бафыстой 5 азы æмгъуыдмæ. Уыцы рæстæгмæ фæндаджы уæлцар куы нал бæзза, уæд арæзтадон компани æппæт хъæугæ куыстытæ дæр бакæндзысты хи тыхтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц фæндæгтæ
Категория:
Новости и СМИ