Кафты дæсныйы номыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

Уарзиаты Хаджысмелы ном фехъусгæйæ, аивадуарзджыты зæрдæты уайтагъд æрлæууы хæрзконд саулагъз лæппу. Кафджытæ æмæ артисттæ та æрхъуыды кæндзысты, курдиатджын хореограф цы кæфтытæ сæвæрдта, уыдон. Абон нымад сты классикæйыл нымад. Фарныхъæуккаг лæппу фарнимæ цыд йæ цардвæндагыл. Адæмæн хаста цин æмæ уарзондзинад. Æгæронæй уарзта аивад. Фæндыд æй ирон кафты рæсугъддзинад æгас дунейæн равдисын. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Цы кæфтытæ сæвæрдта, уыдон зонынц дунейы бирæ бæстæты. Сæ курдиатджын æмзæххоны та абон æрхъуыды кодтой йæ уарзон хъæуы. Уарзиаты Хажисмелы рухс ном абон æрымысыдысты йæ уарзон райгуырæн Фарныхъæуы культурæйы хæдзары. 3-æм февралы ирон хореографийы ирддæр стъалыйыл хъуамæ сæххæст уыдаид 80 азы. Хъыгагæн, йæ фыццаг къахдзфтæ цы сценæйыл райдыдта кæнын æмæ йæ æрыгон бонтæ цы аивады куырдадзы арвыста, уый ныртæккæ заууатмæ æрцыд.  Фæлæ уæддæр хъæуы цæрджытæн уарзон бынат у. Абон та ардæм уæлдай зæрдиагæй æрбацыдысты йæ хиууæттæ, æмкъласонтæ æмæ йын йе сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыдон. Уарзиаты Хаджысмел арф фæд ныууагъта канд адæмы зæрдæты нæ, фæлæ ирон æмæ уырыссаг культурæйы дæр. Архайдта алыхуызон æппæтуæрæсеон æркастты. Йæ хореографион курдитæн ын стыр аргъ кодтой фæсарæнты дæр. 1968 году Уарзиайы фырт æрлæууыд паддзахадон ансамбль «Аланы» сæргъы. Хаджысмелы дæсны разамынды руаджы нæ ансамлы ном базыдтой Казахстаны дæр æмæ Астæуккаг Азийы дæр. Уæд кафыны дæсныйад æмбæлгæ бынат æрцахта. Коллективæн та радтой академион ансамблы кадджын ном. Хаджысмел цы традицитæ ныуууагъта, уыдон ныр дарддæр хæццæ кæнынц йæ хиуæттæ æмæ йæ фæдонтæ. Уæлдайдæр та йæ фырттæ. Культурæйы хæдзары сæргълæууæг Агънаты Светланæ куыд зæгъы, афтæмæй сын зæрдæ бавæрдтой бæстыхай 2019 азы бындуронæй сцалцæг кæнынæй. Зæгъæн ис æмæ фидæны Уазиаты Хазисмелæн йæ иннæ юбилей хуыздæр уавæрты сбæрæг кæндзысты.  ¤ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кафты дæсныйы номыл

Категория:

Новости и СМИ