Фарныхъæуккаг Æлбораты Ритæйы цæрæн хæдзар ныззаууат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Арвы дуармæ кæсгæйæ ныр иу цасдæр рæстæг цæрынц Æлбораты Ритæйы бинонтæ. Сæ цардыуаг аразгæ у боныхъæды уавæртæй. Уынджы къæвда куы уара, уæд хæдзары дæр - асæст. Æлбораты Ритæ зындзинæдтыл ахуыр у. Фæлæ ныртæккæ фæдис кæцырдæм ныхъхъæр кæна, уый нал зоны. Хæдзары ном цы бæстыхай хæссы, уый федтой не сфæлдыстадон къорд. Раст зæгъгæйæ, Къутæрты Аидæ нын сагъдау аззад, уыцы нывтæ йæ цæстыты раз куы сыстадысты, уæд. Æлбораты Ритæйы зын уавæртæй нæ фæтæрсын кæндзынæ. 1922 азы Фарныхъæуы цы хæдзар сарæзтой, уый ныр кæлæддзаг уавæрмæ æрцыд. Ацы аз та майы мæй хæдзары къул ныккалд. Ныр, цалдæр мæйы Æлбораты бинонтæ куы доны бын фæвæййынц, куы та тыхджын дымгæйæ хъыгдард баййафынц. Иу ныхасæй - боныхъæд дæр сыл нæ ауæрды. Ритæйы ныхæстæм гæсгæ, бинонтæ бынтон ахæм æгуыдзæг уавæры никуы уыдысты. Сæ бон куыд уыд, афтæ куыстой. Фæлæ цард доны тæбæгъæй уæлдай нæу - кæцырдæм фæкъул, уый ничи зоны. Афтæ рауад нæ абоны хъайтартæн дæр. Ритæйæн йæ сæрыхицау раджы амард. Йæ иу фырт йæ лæджы кары куы бацыд, бинонтæ куы скодта, уæд æнæнхъæлæджы фæрынчын. Рынчындоны къæсæрæй нал рахызт. Баззадис ын дыууæ чызджы. Ныртæккæ ма Ритæйæн ис 40-аздзыд лæппу. Уый дæр æнæниз нæу. Ритæ нын куыд радзырдта, афтæмæй ныронг Фарныхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг къул нæма федта. Беслæныхъæуы администрацимæ та иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыд. Къамис зынгæ дæр нæ фæкодта. Æрмæст ын фондз азы размæ радтой 10 мины. Уыцы фæрæзтæ йын ницæй фаг систы. Ныртæккæ Ритæйы пенси у 11 мины. Уыдонæй уæлдай бинонтæм æфтиаг никуыцæй хауы. Ритæ фыццаг хатт куы бацыд Рахизфарсы районы администрацимæ, уæд ын нæ баххуыс кодтой. Нæ къух, дам, н` амоны. Не сфæлдыстадон къорд бацагуырдта районы администрацийы бæрнон кусджыты. Фæлæ телефонæй дзуапп нал радтой. Æрмæг кæронмæ куы систам, уæд сæ хъусынгæнинаг дæр срæвдз ис. Куыд зæгъынц, афтæмæй, дам, сæм бинонтæ æххуысмæ никуы фæсидтысты. Уымæ гæсгæ сæ ног хæдзар райсыны номхыгъдмæ дæр ничи бахаста. Зæронд та мæнæ-мæнæ кæны. Уæхæдæг æй уынут. Царды уаргъы бынæй зынгæ дæр нал кæны, фæлæ уæддæр Æлбораты Ритæйæн йæ ныфс нæ сæтты. Кæд сæкæрнизæй рынчын у, уæддæр архайы, цæмæй йæ иунæг къуым æфснайд уа. Хæдзары ном, зæгъы, уæддæр хæссы. Уазæгыл бацин кæнын дæр зоны. Фæлæ йын йæхимæ цард йæ мидбылты кæд бахуддзæн, уый бæрæг нæй. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фарныхъæуккаг Æлбораты Ритæйы цæрæн хæдзар ныззаууат

Категория:

Новости и СМИ